|
Ма дзур дæ мæстытæ абон ызнæтæй —
Уыдоныл райсом æрзайдзæни нæуу...
Царды цы куырдтай — нæ рантыст хъысмæтæй,
Цард дын цы дæтты, нæ хъæуы уый дæу.
1988 азы 29 октябрь
ЦÆСГОМДЖЫН
Йæ цæхæр никуы акалди мæйдары,
Нæма бадардта дымгæтæм йæ риу.
Æртæ цæсгомы мивдисæгау дары,
Фæлæ дзы нæу цæсгомы хуызæн иу.
1988 азы 6 ноябрь
КЪОСТАЙÆН
Нæ вæййы дзыккайы кад сиры,
Нæ ахады хуры цур мæй...
Мæ хуызæттæ бирæ сты Иры,
Дæ хуызæн дзы иунæг дæр нæй.
1988 азы 7 ноябрь
КÆРОНМÆ ’ВВАХС
Чи бавдæлон буц фыртæй, цы мад,
Уый фæндаг уыдзæн æнусмæ кæрдтыл...
Æгæстыл куыд уыдтæн æз нымад,
Афтæ тагъд нымад уыдзынæн мæрдтыл.
1988 азы 13 ноябрь
ÆФХÆРД
Æмдзыхæй дыл кæнынц дæдæй,
Фыдызнаг басгуыхтæ æрдхæрдтæн...
Ды мæ куы раппæлис, уæд æй
Мæхицæн райсин æз æфхæрдæн.
1988 азы 19 ноябрь
ХЪОДЗАТЫ ÆХСАРЫ ЗЫЛЫН РАХОНÆГÆН
Æфтауыс раст уды цæсты, —
Нæ дæм фæлæудзæн мард дæр:
Æхсары аиппытæ сты
Дæ хорздзинæдтæй къаддæр.
1988 азы 23 ноябрь
ÆДЫЛЫ-МЫДЫЛЫ ФАРСТ
Уыцы хур куы нæма уыди хур,
Ацы дур куы нæма уыди дур,
Уæд цы уыди хуры бæсты хурæн,
Стæй цы уыди дуры бæсты дурæн?
1988 азы 10 декабрь
АДÆЙМАДЖЫ ЦАРД
Адзалы ныхмæ нæй ыссарæн уарт,
Фæлтау фæндагмæ дар рæвдзæй дæ дарæс.
Куы загъдæуыди: адæймаджы цард
Мæлæтмæ у цæтгæ кæнынæй арæзт.
1988 азы 12 декабрь
ГАЛИУ ЗОВДЫЛ ХÆСТ
Тулдзытимæ чи бары хæристы,
Кадджын уымæн нæу йæ цæсты хъæд...
Ницыйæ цæмæн аразыс исты,
Исты дæм куы ницы кæсы, уæд?
1988 азы 21 декабрь
МЫГГАГ ÆМÆ НОМ
Дæ иу хъуыды нæ загътай кæд æргом,
Æнцондæрæй уæд бамбæхсдзынæ дыккаг...
Мæ мыггагæй мын ма зонæнт мæ ном,
Мæ номæй-иу мын базонæнт мæ мыггаг.
1988 азы 26 декабрь
ХÆРÆГЫЛ ЫСБАДАЙ, ЦЫ ’МГАР ДÆ, ЗÆГЪГÆ, ЧИ НЫФФЫСТА, УЫМÆН
Æвæрын фау нæ горæттæ, нæ хъæутыл
Нæ фидауы æнæджелбетт ныхасæй...
Хæрджыгыл нæ — куы сбадæм мах къæлæутыл,
Уæддæр уый зон, кæй уыдзыстæм дæ разæй.
1989 азы 9 январь
ИВГЪУЫД БОНТÆ МЫСГÆЙÆ
Дæ хуызæтты хъул бадти фыр,
Мæ хуызæтты хъул — цыт...
Хъæздыг цардæй уыдтæн мæгуыр,
Мæгуыр цардæй — хъæздыг.
1989 азы 16 февраль
КЪОСТА
Уадз дæ кой дæр дзыллæтыл нæрæд,
Хорздзинад сын ракодтай ды кæд...
Иу хатт дæр кæмæн нæ уыд мæлæт,
Уый æрцыд дыууæ хатты ныгæд.
1989 азы 21 февраль
Дата добавления: 2015-09-11; просмотров: 20 | Поможем написать вашу работу | Нарушение авторских прав |