|
А дунейыл ницы ис лæвар,
Уый хъуыдыйаг алкæддæр у махæн...
Де знагæй нæ кæныс кæд хæлар,
Гъеуæддæр ызнаг хæларæй ма кæн.
1989 азы 27 февраль
ХЪАЗГÆЙÆ ÆМÆ ÆЦÆГÆЙ
Дыууæ удæй иуы фылдæр хонынц барджын,
Цыфæнды хъуыддаджы дæр уымæ у каст...
Куы фæзæгъынц хъазгæ дæ былтæ: «Нæ уарзын...»,
Æцæг уæд дæ зæрдæ дзуапп ратгы: «Нæу раст».
1989 азы 28 февраль
ФЫД-ЗÆРДÆТÆ ÆМÆ ФЫД-ДЗЫХТÆ
Чидæр кæйдæр хъыгæй рæзы,
Ссары кæйдæр зыны тых...
Иуæн йæ зæрдæ нæ бæззы,
Иннæмæн цауд у йæ дзых.
1989 азы 3 мартъи
ÆРЫГОНÆЙ ЗÆРОВДМÆ
Ис алкæмæн уалдзæг, зæры бон,
Йæ амонд у алкæмæн конд...
Куыннæуал уыдзынæн æрыгон,
Нæма дæн æз афтæ зæронд.
1989 азы 12 мартъи
ЗÆХХЫ ТÆРИГЪÆД
Бирæ хъуыддæгтæй æнæхай
Сом фæуыдзыстæм, бæллæх!
Мах кæд ницы дарæм зæххæй,
Уæд цы дары махæй зæхх?!
1989 азы 12 мартъи
СЫРДÆЙ ТÆССАГДÆР
Тагор Рабиндранаты мотив
Чи фæцахуыр давын къуыртт,
Уый нæ читт кæны дзырдæй...
Адæймаг куы свæййы сырд,
Уæд тæссагдæр у сырдæй.
1989 азы 15 мартъи
ÆФХÆРД
Цы къуыппыл бадыс, уый бæрзонддæр хон,
Кæннод ныллæг æрхаудзæни дæ кад...
Куыдзы бæлæгъæй чи баназы дон,
Куыдзы къахæй дæр уый æрцæуы над.
1989 азы 22 мартъи
ДЫЗÆРДЫГ
Цы лæг рацæуы адæмы рæгъмæ,
Уымæн-иу бузныг æнæмæнг зæгъ...
Нæ зонын, уалдзæг æрцæуы зæхмæ,
Æви æрцæуы уалдзæгмæ зæхх.
1989 азы 23 мартьи
ÆНАХУЫР ÆЦÆГДЗИНАД
Фæкæны нæ алкæйы низ
Кæцыдæр рæстæгмæ фынæй...
Фыссæгæн чъынды уæвæн ис?
Чъындыйæн фыссæг уæвæн нæй?
1989 азы 23 мартъи
МÆНАУ ÆМÆ ДÆУАУ
Кæд уыгæрдæны иунæг хатт дæр хос
Ныккарстай, уæд дæ лæгдзинадыл бафтыд...
Куыннæ фæдæ мæнау ды иуæн хорз,
Дæуау æвзæр нæ фæдæн иуæн афтæ.
1989 азы 23 мартъи
ДÆ МÆТ ÆМÆ МÆ САГЪÆС
Нæй уыцы зæххонæн æнусмæ мæлæт,
Кæмæн ис фæрнæйдзаг фæдонтæ...
Дæ рæстæг цы фæкæнай — ууыл дæ мæт,
Мæ сагъæс — кæм ыссарон бонтæ.
1989 азы 27 мартъи
МÆГУЫР БОНЫ МÆГУЫР ÆХСÆВ
«У амонд амондыл ныхæст», —
Дзырдтой-иу, зонын æй æз дæр...
«Мæгуыр дæ бон!» — зæгъын, æрмæст
Æмбар: нæу де ’хсæв дæр хуыздæр.
1989 азы 28 мартъи
ЗНАГ ÆМÆ ÆРДХОРД
Кæд разындысты къорайæгтæ къорд,
Уæддæр Цымыти фондзæй уыд сæ фаг...
Ызнаг кæмæн нæй, уымæн нæй æрдхорд,
Æрдхорд кæмæн нæй, уымæн нæй ызнаг.
1989 азы 31 мартъи
ХЪÆЛДЗÆГ САУДАРÆГ
Куыннæ хæссон æз уымæ фау,
Кæмæн у сусæнау цыппурс?
Кæуылдæр чи фæдары сау,
Нæ вæййы уый мидбылхудт урс.
1989 азы 13 апрель
ÆХХОРМАГ ÆМÆ ÆФСÆСТ
Фехъуыстон: «Æвæстаджы зыд цæст
У æнæфсис, бакуырм вæййы хурмæ...»
Иу вæййы æххормагæй æфсæст,
Иннæ та æфсæстæй дæр — æххормаг.
1989 азы 13 май
АХУЫРГÆНДЖЫТÆ
Æцæг адæймаг бахауæд зынты —
Уæддæр йæ цыт æнæвнæлд у зæдау...
Чъынды рæдауæй аразы чъынды,
Рæдау чъындыйæ аразы рæдау.
1989 азы 13–14 апрель
ХÆЛÆГГАГ
Блажен, кто с молоду был молод...
Дата добавления: 2015-09-11; просмотров: 18 | Поможем написать вашу работу | Нарушение авторских прав |