Студопедия  
Главная страница | Контакты | Случайная страница

АвтомобилиАстрономияБиологияГеографияДом и садДругие языкиДругоеИнформатика
ИсторияКультураЛитератураЛогикаМатематикаМедицинаМеталлургияМеханика
ОбразованиеОхрана трудаПедагогикаПолитикаПравоПсихологияРелигияРиторика
СоциологияСпортСтроительствоТехнологияТуризмФизикаФилософияФинансы
ХимияЧерчениеЭкологияЭкономикаЭлектроника

УЫЦЫ АМОНДДЖЫН ДУГ

Читайте также:
  1. АМОНДДЖЫН

Мæныл кæд амонд дардта искуы й’арм,

Уæд уыцы дуг, куы нæ бадт не ’хсæн мигъ...

Дæ хъарм хъæбысæй зæрдæ кодта хъарм,

Дæ цæстæнгасы уазалæй та — их.

1992 азы 25 май

ДÆ СÆР ÆМÆ ДÆ КАД

Дæ фарнау — кадавар дæ зонд дæр,

Гæвзыкк — дæ хуымгæнды бæркад.

Дæ сæр — Хъазыбегæй бæрзонддæр,

Ныллæгдæр — фадхъулæй дæ кад.

1992 азы 10 июнь

«КОММУНИСТТÆ» ÆМÆ «ДЕМОКРАТТÆ»

Нæ дзы рыст иу дæр адæймаджы ристæй,

Сæхи хъысмæтыл уыд сæ мæт, сæ катай...

Уæд сайдтой коммунистты коммунисттæй,

Ныр сайынц демократты демократтæй.

1992 азы 15 июнь

КÆРÆДЗИЙЫ ДАРДЖЫТÆ

Хъомрæгъау, фысдзуг

Дарын нал у фæтк...

Лæг куы дарид хъуг,

Хъуг æй дарид уæд.

1992 азы 1 июль

ДÆ ЗÆРДЫЛ ДАР

Кæсыс сæрбæрзондæй, дæ цæсты

Ыстæм дыччыйы йæстæ ’рмæст,

Фæлæ уый зон: уæлæуæз бæстæм

Нæ уыны стырдæрæй дæу цæст.

1992 азы 27 июль

ДЫМЫСДÆР КÆНÆ ÆВЗАГÆЙ АРХАЙÆГ

Нæ дæ рахондзæн иу лæг дæр уæндон,

Зындгонд ысты дæ «хорз» хъуыддæгтæ рагæй:

Кæй нæ у зондæй архайын дæ бон,

Æдзухдæр уымæн архайыс æвзагæй.

1992 азы 11 август

АРАХЪХЪ ÆМÆ СПЪИРТТ

Нæ фехъусдзынæ булæмæргъæй «хъуахъхъ»,

Хайуанæн та йæ цæсты рухс у сирд...

Ыспъиртты хуызæн алкæд уæд арахъхъ,

Арахъхъы хуызæн макуы уæд ыспъиртт.

1992 азы 30 август

ИРЫСТОНЫ ЗНÆГТÆМ

Алексапдр Дюмайы мотив

Кæй ралæудзæни ацы бон кæддæр,

Бæрæг уыд уый уæ фæсчъылдым гæрæхтæй...

Уæ иуыл дæр кæй нæ разынди сæр,

Æрцауыгътой уæ уый тыххæй уæ къæхтæй.

1992 азы 23 ноябрь

ÆНÆУД

Фæнды мæм кæн мæсты, мæ лымæн,

Кæнæ та мыл чыр-чырæй худ:

Йæ удæн чи нæ тæрсы, уымæн

Нæ радта иунæг Хуыцау уд.

1992 азы 23 ноябрь

ХÆДДЗУ

Æз никуы кастæн схъæлсæрæй мæгуыртæм,

Сæ хорздзинад мæ алкæддæр фæндыд...

Кæдæм нæ цæуын хонгæйæ дæр, уырдæм

Фæцæйцæуыс æнæхонгæйæ ды.

1992 азы 31 декабрь

УДÆГАС ÆМÆ МАРД

Райста нæ фыссæг æнæхъæр, æнæсыппæй хорзæхтæ зæй,

Ницы уæвгæйæ цы нæ уыди а зæххыл, ахæм ын нæй.

Мардæй æгæстæ дæр ис, фæлæ уый у æгасæй дæр мард,

Уый тыххæй ничиуал зоны, кæм райгуырд, цы фыста, куыд цард.

1993 азы 1 январь

ХУЫМÆТÆДЖЫ ХЪУЫДЫ

Æрцыд мæ сæрмæ иу хъуыды, æрæфтыд,

Æмæ йæ хъуамæ гæххæттæн зæгъон:

«Æз мады фыд нæ уыдзынæн, фыды фыд

Хуыцауы фæрцы хъуамæ искуы уон».

1993 азы 18 январь

ДЫУУÆ НИЦЫЙЫ

Ахæмы къæбицы

Нæй бæркады хъæстæ...

Ницы уыди, ницы

Баззайдзæн йæ фæстæ.

1993 азы 22 январь

ТЫХДЖЫНДÆР ÆМÆ ÆДЫХДÆР

Кæны уæлахиз хаттæй-хатт дзыхджындæр,

Фæлæ йæ иу дуг нал саразы дзых дæр...

Кæддæр куыд кодтон бонæй-бон тыхджындæр,

Кæнын ныр афтæ бонæй-бон æдыхдæр.

1993 азы 1 февраль

ХИЦАУЫ ÆУУÆНКДЖЫН

Дæ хицауæй бирæ хуыздæртыл дæ сæт

Фæкалдтай, фæкодтай цæстмæхъус дæнг-дæнг...

Æууæнкджын куы ныллæууай хицауæн, уæд

Фыццаджыдæр нал ис дæхиуыл æууæнк.

1993 азы 7 февраль

БÆЛÆСТÆ ÆМÆ ЦЪÆХ НÆУУ

Æрцыди та уалдзæг æд цины хъæлæстæ,

Сæдæминон тæнæй йæ фæндыр æрцагъта...

Цъæх нæууыл куыд фидауынц ацы бæлæстæ,

Цъæх нæуу дæр бæлæсты бын фидауы афтæ.

1993 азы 11 февраль

ГУЫЗАВÆ

Мæ зынг цы бон æрхуысдзæни, кæцы мæй,

Нæ базондзынæн уый дæуау æз дæр...

Кæмæ нал ис, кæмæ ницы ис, уымæй

Нæ иртасын, кæй уавæр у хуыздæр.

1993 азы 5 мартъи

ГУЫРÆН БОН ÆМÆ МÆЛÆН БОН

Нæй мæлæтмæ иунæг хатыр, кард æм

Авæр, æмæ та кæйдæр ныццавта...

Уырдыгæй куыд нæ фæкомæм ардæм,

Ардыгæй дæр нал фæкомæм афтæ.

1993 азы 5 мартъи

ДЗЫВЫЛДАР ÆМÆ УАЛДЗÆГ

Хуры тынтæм кæсаг базмæлыди доны,

Андзæвыди ихыл хъавгæйæ йæ синтæй...

Иу дзывыддар уаддзæг хъарм бæстæй нæ хоны,

Иу уалдзæг æрхоны дзывылдæртты минтæй.

1993 азы 11 мартъи

ÆВЗÆРЫ РАЙГУЫРД ÆМÆ ХОРЗЫ МÆЛÆТ

Æнгузау чи уарзы æхсæр,

Уый бирæ фарнимæ цæрæд...

Æвзæры райгуырдау æвзæр

Вæййы лæгау лæджы мæлæт.

1993 азы 18 мартъи

КÆРÆДЗИЙЫ САФДЖЫТÆ

Бынат бирæты фесæфта.

Гуыдиаты Мураты ныхæстæй

Мæн чи нæ уарзы, уымæн уæд

Йæ фæндагамонæг хæйрæг...

Лæджы бынат кæд сафы, уæд

Вæййы бынат сафæг та лæг.

1993 азы 21 мартъи

ХИСТÆР — КÆСТÆРÆН

Бампылдтæ дæн, раст цыма хъæллæгъ,

Нал ыскъæрын знæт фурды мæ нау...

Æз дæуау куыд нал уыдзынæн цъæх,

Афтæ ды ысрæгъæд у мæнау.

1993 азы 22 мартъи

ЦÆУЫН ÆМÆ ЛÆУУЫН

Нæ тæрсы иу йæ хъарутæн фæуынæй,

Быхсын, фæразын иннæмæй нæу рох...

Куыннæ фæллайы Терчы дон цæуынæй,

Нæ фæллайы лæууынæй афтæ хох.

1993 азы 25 мартъи

ÆДЫЛЫ ÆМÆ МÆГУЫР

Æрбахылд арвыл сау мигъты дзыгуыр,

Фæндаг ыскодтой зæрдæмæ æрхуымæн...

Æдылы кæй дæ, уымæн дæ мæгуыр,

Мæгуыр кæй дæн, нæ дæн æдылы уымæн.

1993 азы 10 апрель

ÆХСÆНАДОН ТРАНСПОРТЫ ЦÆУÆГГАГ ИВАРЫ АРГЪМÆ КУЫ СХÆЦЦÆ, УÆД

Куыд ма лæууæм нæ къæхтыл фидар,

Кæд нал бады нæ иу хъул сах:

Кæддæр куыд фыстой иутæ ивар,

Ныр афтæ фидæм иумæ мах.

1993 азы 4 май

ЗНАГ-ХÆЛАР

Хуы нæ ракæса рындзæй саг,

Уæд маст уыдзæн уый сагæн...

Йæ Фыдыбæстæн чи у знаг,

Ызнаг нæу уый ызнагæн.

1993 азы 4 май

ХÆСДЖЫН

Кæнынц мæ боныгон, мæйдары

Æдзæм дзырдтæ къуытты, къуырма:

Мæлæтæй иунæг мæлæт дарын

Æдоæ дзы хæсджын дæн нырма.

1993 азы 5 май




Дата добавления: 2015-09-11; просмотров: 27 | Поможем написать вашу работу | Нарушение авторских прав

ДЫВЫДОНАРТЫ | ХЪУЫДЫЙАГ | АЗЫ 9 МАЙ | РАЙГУЫРЫНЫ ТАС | САБИДУГ | МАДЫ КАТАЙ | КЪУЫДИПП | АСЛАМ ФЫД | КЪУЫЗЫППА | ИВЫЛД ТЕРК |


lektsii.net - Лекции.Нет - 2014-2024 год. (0.014 сек.) Все материалы представленные на сайте исключительно с целью ознакомления читателями и не преследуют коммерческих целей или нарушение авторских прав