|
Ныфсæрмы та дæн ацы бон дæ бæсты, —
Æрмæст ныхæстæй уарзын зоныс ды...
Дæ зæрдæйæ къуытты уæвыны бæсты,
Цæйнæфæлтау дæ дзыхæй у къуытты.
1973 азы 16 сентябрь
ФÆСМОН
Фæсмон кæнут, уæ цардвæндаг кæй баиу, —
Куы иу, куы иннæ райдайы хылкъахæн,
Мæн та фæндид, уæ мæты сæр куы уаид,
Кæддæр уæ цард кæй нæ баиу сымахæн...
1973 азы 24 декабрь
ХЪАСТ
Дæ усæй дзурыс: «Дасы хусæй,
Йæ мадæй та нæ зонын маст... «
Фæлтау куы æппæлис дæ усæй,
Куы кæнис усы мадæй хъаст.
1974 азы 2 январь
КУРДИАТ
Кæд хорздзинад дæу ракæнын фæнды,
Уæд байхъус ардæм:
Дæ улæфынæй банцай абон ды,
Æмæ сæ рæуджыты дзаг сулæфдзысты адæм.
1974 азы январь
ПЪА
Рудакимæ гæсгæ
Уарзоны пъа у цæхджын дон,
Уымæй хъауджыдæр куы нæу:
Цас фылдæр дзы нуазай, уый бæрц
Нуазын тынгдæр фæнддзæн дæу.
1974 азы 26 мартъи
ÆВЗАГ
Æвзагæн нæй алла-биллатæй басæттæн,
Фæлтау йæ ныхмæ ды лæууынвæнд ма скæ...
Фæдзурынц адæм иууылдæр «кæркуасæнтæ»,
Фæлæ уæ карчы чи кæд федта уасгæ?
1974 азы 31 маргъи
ЧЫЗГ ÆВИ ЛÆППУ?
Уынджы астæу бацыдыстæм дисы,
Æйтт-зæгъгæйæ райдыдтам быцæу:
— Ацы чызг, мæнмæ гæсгæ, лæгтпу у,
— А лæппу, мæнмæ гæсгæ, чызг у.
1974 азы 26 апрель
ХÆСТОН
Йæ бон хæцын нæ уыди хæсты,
Фыдниз, дам, мæ нæ кодта рох.
Ныр «адзæбæх», ызнæгты бæсты
Нæхиуæттимæ систа тох.
1974 азы 12 июнь
ДЗЫЛЛÆТЫ МАСТ
Алхæст æрбамарди æваст,
Ирыстон сызмæлыд йæ фæстæ,
Кæнынц æмхуызонæй дæр маст, —
Кæмæйдæриддæр дардта хæстæ.
1974 азы 4 июль
ТЫХФЫСТЫТÆ
Нæтыс, лæмарыс, утæхсæн кæныс,
Цыма дын исчи бадардта кæндыс.
Зындгонд галхæфсæй тынгдæр вæййыс дымст,
Бæдулы айкау — тугæйдзаг дæ фыст.
1974 азы 5 июль
ФЫД
Йæхи тугыл бакодта хъоды,
Йæхи чызгыл систа йæ къух,
Йæхæдæг кæйдæр фырты хоны
Йæ хъæбул, йæ цæстыты рухс.
1974 азы 9 июль
УАЙДЗÆФ
Æргом дын зæгъдзынæн, кæд ма дыл æмбæлон:
Дæ кад æмæ намыс ныккодтай æмдæрæн —
Кæйдæр зæронд усы ысхуыдтай дæ бæлон,
Дæхи æвзонг ус та зæд басгуыхт æндæрæн.
1974 азы 23 июль
ÆДЗÆСГОМ ДЫДЗÆСГОМ
Дæ аипп дын зæгъын æргом, —
Кæд истæмæ мæ уайдзæф дарыс, —
Куы дыл æппындæр нæй цæсгом,
Куы та дыууæ цæсгомы дарыс.
1974 азы 8 август
КÆРЧЫТÆ ДАВГÆЙÆ ЧИ ФÆМАРД, УЫМÆН
Зæгъæд ма алчидæр æргом:
Лæджы тыххæй цæйбæрц карк бабын! —
Фыццаг хатт карчы тыххæй лæг
Æрфæлдæхтæуыд абон.
1974 азы 17 август
ФЫССЫН ÆМÆ КÆСЫН
Тыхсын дæ рæнхъыты сым-сымæй,
Хъæрзыс æдзух: «Фыссын у зын!..»
Дæуæн фыссын куыд зын у, уымæй
Зындæр — дæ фыстытæ кæсын.
1974 азы 27 август
ДЫУУÆ ФÆНДОНЫ
Дæ лæджы риуы тъыст æрцытæ,
Куы дæ ракуырдта, уырдыгæй фæстæмæ...
Чындзы йæм ды дæхи фæндæй æрцыдтæ,
Йæ фæндæй та фæцæудзынæ фæстæмæ.
1974 азы 25 сентябрь
КЪУЫРЦДЗÆВÆНЫ
— Гогко цы ран кусы йæ уаты?
— Уæллæй, æгæр зын у мæ хæс.
Фæлтау мæ бафæрсут: «Кæм бады?»
Æмæ уын æй зæгъдзынæн æз.
1974 азы 26 сентябрь
Дата добавления: 2015-09-11; просмотров: 81 | Поможем написать вашу работу | Нарушение авторских прав |