|
Дæ риу фæхостай дæ тымбылкъухæй,
«Сыгъдæгзæрдæ дæн!» — дзырдтай æдзухæй,
Фæлæ куы басаст дæ риуы фæйнæг,
Уæд загътам: «Баууæндæд дыл ныр хæйрæг!..»
1984 азы 3 апрель
МÆ НЫФС
Мæ цыппар рæнхъыл мæ зæрдæ дарын:
Хатыр нæ зонынц, нæ зонынц барын.
Куы раирвæзынц æлвæст æрдынæй,
Уæд нал фефсæдынц рын, сон кæрдынæй.
1984 азы 4 апрель
ХИНÆЙДЗАГ СЫВÆЛЛОН
— Нанайæ сæлдæгæй фылдæр
Кæй уарзыс ды, зæгъ-ма?
— Сæрдыгон сæлдæг у хуыздæр,
Зымæгон та — нана.
1984 азы 5 апрель
БИРÆ ХÆСТÆ ДАРÆГÆН
Дæ хæс дæуæн кæй æрцыд фыст,
Дæ чиныджы æрцыд уый фыст.
Нæ цæсгом дæм нæ хъæцы, —
Фæлæ дæ хæстæй кæцы?
1984 азы 6 апрель
ХЪÆЦЫН
Æз мæхи куы сбуц кæнин хъæрзынæй,
Комдзог мыл уæд рацæуид хъæрзын:
Знæгтæн уый æрхæссид цин мæ зынæй,
Маст æрхæссид хæлæрттæн мæ зын.
1984 азы 6 апрель
ФÆНДИАГ
Дæ фæндиаг куы фæуин, уæд фестин фæнык,
Ныддымид мын тымыгъ мæ хъæстæ, мæ рыг,
Фæлæ нæй ысуадзæн дæ фæндонæн тау:
Куыдзы коммæ никуы фæкæсы Хуыцау.
1984 азы 7 апрель
ЦЫ ХУЫЗДÆР У?
— Домбайы къæдзил уæвыны бæсты
Хуыздæрæн райсин гæдыйы сæр.
— Уыцы ныхæстæ цас æцæг ысты,
Иу мысты уымæй бафæрс уæддæр.
1984 азы 9 апрель
АЛЫРДЫГÆЙ
Фыдæлты дугæй баззади ныхас:
Æвзæр топпæй дыууæрдыгæй у тас.
Ды дæ уызыны къорийау сындзарх —
Тæрсæм дæ уымæн алырдыгæй мах!
1984 азы 9 апрель
ÆНГÆСТÆ
Хицауы хуызæн йæ куыдз
Свæййы фæстагмæ, зæгъынц,
Фæлæ дæ куыдзæнгæс кæд
Сдæ, уæд хуыздæр у мæлæт.
1984 азы 11 апрель
ХУРÆРГОМ
Мæйдар æхсæвтæн ахæм у сæ уаг:
Цæмæй нæу тас — ыскæнынц уый тæссаг,
Фæлæ та хур куы ракæсы зынгцæстæй,
Уæд тарæн ницуал баззайы æмбæхстæй.
1984 азы 11 апрель
ФÆЛВАРÆН
Æз хорздзинадыл нал дзурын — дæуæй у арф æмбæхст;
Æвзæрдзинад нæ ракæнын дæ бон уыди æрмæст,
Фæлæ дæм уыйбæрц хъару дæр нæ разынди, гормон, —
Мæ арты æфсон ауагътай дæхи фæныкыл дон.
1984 азы 12 апрель
Зын
Зæрдæйæн у зын,
Зæрдæйæн у маст:
Ды кæй дæ зылын,
Уый кæй рауад раст.
1984 азы 16 апрель
ДИССÆГТÆ
— Дæуыл мæ сардыдтой. Фыддзых
Нæ хæлардзинадыл фæтых.
— Зæххыл цытæ цæуы, Хуыцау! —
Лæджы куыд сардыдгой куыдзау?!
1984 азы 17 апрель
Дата добавления: 2015-09-11; просмотров: 92 | Поможем написать вашу работу | Нарушение авторских прав |