|
Ныхас кæд æххуыс у хъуыддагæн,
Зæгъдзынæн уæд иу дзырд дæуæн:
Æмдзæвгæ æмбисондæй ма кæн,
Æмбисонд æмдзæвгæйæ кæн.
1984 азы 28 сентябрь
МАРДЫ ФÆЗМÆГÆН
Дæ ивгъуыд бонты хорз æмгар
Куыд цыди, уый фæзмыс дзæвгар,
Фæлæ куыд амарди уый, куыд,
Уый раздæр афæзмын дæу хъуыд.
1984 азы 1 октябрь
СЫКЪАТÆ
Дæ митæй фæкæныс лæджы зæрдæ риссын,
Вæййы дыл куы голлаг, вæййы дыл куы хъисын.
Æвæдза, куы заид сыкъатæ æвзæрыл —
Дæуæй дзы дынджырдæр нæ уаид æндæрыл.
1984 азы 1 октябрь
ÆНКЪАРД ХЪУЫДЫ
Ацы фæззыгон æнтъыснæг изæрты
Риумæ фæндæгтæ нывæнды æрхæндæг:
Дуне батонын кæмæн уыд йæ зæрды,
Уыдон дæр батыдта дуне йæхæдæг.
1984 азы 1 октябрь
ДÆ ФÆНД
Ацы дунейы æхцатæ
Бахæрын уыди дæ фæнд,
Фæлæ уыдонæн фыццагдæр
Ды фæдæ дæхæдæг хæрд.
1984 азы 1 октябрь
ÆНАХУЫР УАРЗОНДЗИНАД
Дæ размæ куы бацæуын — лвдзыс мæ цурæй,
Фæхъæбæрдæр вæййы тæргай зæрдæ дурæй,
Мæхæдæг дæ цурæй куы ацæуын дарддæр —
Дæ фæсмон нæ вæййы дæ тæргайæ къаддæр.
1984 азы 2 октябрь
ЦÆХГÆР ДЗУАПП
Хъæуы уый æмгæрттæй фæхъæуын,
Цы лæппуйы хъару æгъдау дæттын нæу...
Кæд дæ æз æвзæрæй нæ хъæуын,
Уæд хъуамæ æз ма хъæуон хорзæй дæр дæу.
1984 азы 3 октябрь
ÆППÆРЦЦÆГ ХЪÆБАТЫРТÆ ÆВДИСЫНУАРЗАГ ФЫССÆГÆН
Ысты дæ хъæбатыртæ цъаммар —
Кæйфæнды дзы ныггуыпп кæн, амар,
Фæлæ сæ цъаммардæр дæхæдæг —
Сæ рафæлдисæг уд, сæ фæтæг.
1984 азы 3 октябрь
ТЫЗМÆГ ÆЦÆГДЗИНАД
Мæ рæстдзинад зонын, нæй ууыл ныхас дæр
Мæ ацы хъуыдымæ фæцыдтæн æз бонгай:
Цы бынатмæ схызтæ, нæ уыдтæ уым раздæр,
Цы ранæй ысхызтæ, уыдзынæ уым ногæй.
1984 азы 3 октябрь
МÆРДХУЫССÆГ
Дæхиау дæ искуы куы раппæлид исчи —
Фæкæсид нæм, цыма дыл амонд ныйичъи,
Фæлæ дæ дæхæдæг дæ кады кой мысæг,
Дæ намыс дын уымæн æрцахста мæрдхуыссæг.
1984 азы 3 октябрь
ЙÆ СÆРÆЙ ХЪАЗГÆ ЧИ ЦÆУЫ, УЫМÆН
Царды цы уыдис æвзæрæй —
Ссардта сæ цыфыддæр дæу...
Чи цæуы хъазгæ йæ сæрæй,
Уый сæр сæрмæ хæсгæ нæу.
1984 азы 4 октябрь
НОДЖЫДÆР МА, ЙÆ СÆРÆЙ ХЪАЗГÆ ЧИ ЦÆУЫ, УЫМÆН
Йæ сæрæй хъазгæ фæцæуы уынгты,
Бæрзондмæ систа ныллæгæй рыгтæ,
Уый хыгъд бæрзондæй йæ сæр ныллæгмæ
Æрхауд. Цу агур цыт ахæм лæгмæ!
1984 азы 6 октябрь
ЦАРДÆЙ ГЪÆПП ХАУÆГÆН
«Дæ ахсæнæй хъуысы æппынæдзух зард», —
Нæ зæгъын дæзæрдæ-мæзæрдæ...
Дæ зæрдæйы хуызæи нын ма уæд дæ цард,
Дæ царды хуызæн уæд дæ зæрдæ.
1984 азы 6 октябрь
АРФÆЙЫДЗЫРД
Ссыгъди Къостайы кад стъалыйау тары,
Фехъуыста дуне йæ арфæйы дзырд.
Раджы Уæлладжырæй амыдтой Нары,
Нарæй Уæлладжыры амонынц ныр.
1984 азы 7 октябрь
НЫМАЙДЖЫТÆ
Æвæдза, кау кæм ысвæййы хæрзныллæг —
Йæ цуры адæм — хизынмæ дзыгуыр...
Йæхи æхца фæнымайы хъæздыг лæг,
Кæйдæр æхца фæнымайы мæгуыр.
1984 азы 7 октябрь
ЗОНД ÆМÆ ТЫХ
Цалынмæ зæххыл цæрон —
Хъусдзыстут мæнæй:
Цонджы тыхæн ис кæрон,
Зонды тыхæн — нæй.
1984 азы 8 октябрь
Дата добавления: 2015-09-11; просмотров: 88 | Поможем написать вашу работу | Нарушение авторских прав |