|
Уарзт кæй рахуындæуыд куырм,
Ницы ис тæссагæй уым:
Уый æнæцæстæй дæр зоны
Амондмæ йæ фæдыл хонын.
1984 азы 17 апрель
МАРД ФЫСДЖЫТЫ УАЦМЫСТÆ ДАВÆГÆН
Хъуысынц нæм дæ цъаммар митæ
фæскъуымæй æдзух.
Алкæм дыл кæнæм былысчъил иннæтимæ мах.
Цалдæр хатты марды роны ауагътай дæ къух,
Афтæмæй та дæ фæхоны нц иууыддæр мæрдкъах.
1984 азы 17 апрель
ЛÆГ ÆМÆ БЫНАТ
Куыстытæ ысдзырддаг кæны ажæддæр мæра уд,
Афтæмæй та куыстытæй у алкæцыдæр мыд...
Хорз лæггæй æюæр бынаты иунæг дæр нæма уыд,
Æвзæр лæггæй хорз бынаты — цасдæриддæр уыд.
1984 азы 18 апрель
ДÆ ХЪЫСМÆТ
Нæ фæцардтæ ды ацы зæххыл растæй,
Дæ балцгæрон — куыдзæппарæн был-хауæн...
Цы байтыдтай, уый фæззæджы æркарстай,
Цы ’ркарстай, уый та нал ис уалдзæг тауæн.
1984 азы 19 апрель
ФЫСТ ХÆДЗАРЫ КЪУЛЫЛ
Бакастæн ахæм фыст къулыл: «Къоста
Ацы бæстыхайы царди»... Æз та
Афтæ ныффыссин: «Нæй Иры хæдзар,
Уый кæм нæ царди, кæм ын нæй хæлар».
1984 азы 20 апрель
ДÆ ТÆРХОН
Вæййы дæуæй цæмæндæр рох, —
Куы рахæссыс рæгъмæ дæ тæрхон:
Кæм саразыс дæхицæй хох,
Уым-иу обæуттæ мах уæддæр хон.
1984 азы 21 апрель
ÆГЪДАУ
Цæмæй уа алы ран æгъдау,
Хъæуы мах уый сæрвæлтау тох...
Куы хона исчи дæу обау,
Уæд æй ды хъуамæ хонай хох.
1984 азы 21 апрель
ÆМГÆРТГÆ
Мæнæй дæ цал азы кæстæр! —
Дæ сæр у сау, у урс мæ сæр,
Фæлæ нæ кæнæм цардæй хъаст:
Æмгæрттæ сты дæ уарзт, мæ уарзт.
1984 азы 21 апрель
РАСТ ÆМÆ ЗЫЛЫН
— Фæкæсынц мæм расыгæй адæм
Цыппæргæйтгæ иугæйтты бæсты.
— Лæджы цыппæрæм хай ма уый хыгъд
Фæмарыс дæхæдæг сæ цæсты.
1984 азы 23 апрель
ТÆРХОН
Цæйбæрц ысты йæ рæдыдтæ
Фыд-зонд æмæ гыркъуымæн?!
Хатыр кæнын кæй нæ зыдта,
Хатыр ын нæй ныр уымæн.
1984 азы 25 апрель
Дата добавления: 2015-09-11; просмотров: 88 | Поможем написать вашу работу | Нарушение авторских прав |