|
Раздæрау йæхицæй нæу Къуызыри буц, —
Райдыдтой йæ хонын иууылдæр «Цъиудуц»:
Байсдзæни Крыловы сау халоны цыхт,
Цъиуæн ма йæ ныв дæр ракæвдзæн тъæпдыгъд.
1974 азы 26 сентябрь
ФÆРДЫГ
Дæу хондзынæн мæ зæрдæйы фæрдыг,
Æрмæст мæм ма кæс афтæ тынг æрхуымæй...
Кæй уарзын дæу, æз уымæй дæн хъæздыг,
Мæгуыр нæ дæн, кæй мæ нæ уарзыс, уымæй.
1974 азы 27 сентябрь
БАЛЕР
Кæсæгты æхсæн нæ кæниккой хъулон
Адæм, æвæццæгæн, иууылдæр дæу...
Æрдз дæ йæхи зондæй сахуырста хъулон,
Уый ныхмæ дзурын та мах бон дæр нæу.
1974 азы 28 сентябрь
УИДÆГТЫ НЫХАС БÆЛАСИМÆ
Мах зæххы уымæн бамбæхстыстæм арф,
Цæмæй зына дæумæ сыгъдæгæй арв.
Нæхæдæг мах куы разыниккам зæххæй,
Уæд нал зынис ды дунемæ дзæбæхæй.
1974 азы 29 сентябрь
«ИРОН ХÆДЗАР»-МÆ АРÆХ ЧИ ЦÆУЫ, УЫМÆН
Дæ цард сæрмæ хæссинаг нæу,
Кæнæм дæм иумæ загъд, —
Æнæхæдзар фæкæндзæн дæу
Нæ «Ирон хæдзар» тагъд.
1974 азы 2 октябрь
ЙЕ ’ВЗÆР ЧИНЫГÆН ХОРЗ ЦЪАР КÆМÆН УЫД, УЫЦЫ ПОЭТЫ ФАРСТÆН ДЗУАПП
— Зæгъ-ма, мæ ног чиныг куыд у,
Дæ дзыхæй дзырд куынæуал хауы?
— Зыны æддæмæ кæд дуду,
Гъеуæддæр мидæгæй г... у.
1974 азы 25 октябрь
ФÆЛЫВД
Æппынæдзух æм лæг мæстæй фæтоны,
Йæ фыстытæй нæй иуыл дæр æууæнк.
Ныммыхуыр кодта нудæс фельетоны,
Ыссæдзæй та йын рауадысты мæнг.
1974 азы 10 ноябрь
Чъынды
Дæуæн зæгъин æрмæстдæр афтид:
«Зымæгон дæр нæ раттис мит...
Мæнæн мæ дзыппытæ сты афтид,
Дæуæн дæ зæрдæ у къуыввитт».
1974 аз
МÆХИМÆ ХÆЛÆГ КÆНЫН, ЗÆГЪГÆ, ЧИ НЫФФЫСТА, УЫЦЫ ПОЭТÆН
Йæхимæ чи кæны
Хæлæг,
Куыд хæлæг кæна
Уымæ лæг?!
1975 азы 19 февраль
МАЛИТЫ ВАСОЙЫ РОМАН «СУРМЕЙЫ ХÆДЗАР» БАКÆСЫНЫ ФÆСТÆ
Бынтæ нæ уадзынц зондджын адæм цотæн,
Æнусты сем сын уый нæ дæтты бар.
«Сурмейы хæдзар» бабын и, Васо та
Сурмейы бынтæй сарæзта хæдзар.
1975 аз
ЧИ КÆМÆН?
— Арахъхъ дын нал бæззы, мæ лымæн,
Йæ къух ыл систаид æндæр.
— Бæргæ мын бæззы уый, æз уымæн
Мæхæдæг нал бæззын æндæр.
1975 азы 7 мартъи
ФÆРАЗОН
— Карз арахъхъæн ацы зæххыл нæй мæнау фæразон,
Ерыс-тохы бацæудзынæн нуазынæй бæхимæ...
— Алы бон дæ чи бахæссы расыгæй уæхимæ,
Уый дæуæй фæразовдæр у æмæ уал уый базон.
1975 азы 7 мартьи
ФЫД-ЗÆРДÆ
Ды куы фæуис мах фæндиаг — рауаид дæ лæг,
Дзыллæтæ дæумæ кæниккой иууылдæр хæлæг.
О, фæлæ дæ фæндиаг куы фæуаиккам мах,
Иу дæр нæ уæд нал атилид райсоммæ йæ къах.
1975 азы 11 апрель
УЫЙ ÆМÆ ДЫ
Уый раздæр акæны хъуыды,
Ыстæй кæны ныхæстæ,
Ныхæстæ ралæхурыс ды,
Хъуыды та байдайыс сæ фæстæ.
1975 азы 23 апрель
ДЫУУИССÆДЗÆМ БОНЫ
Кæйдæртау фынгал бæрц нæ зоны,
Вæййы сæумæдæвдæгæй разоз.
Ызнон та дыууиссæдзæм боны
Æртиссæдз банызта Дианоз.
1975 азы 27 сентябрь
ХÆС
Чи зоны мæм уый тыххæй дæр ды æрхæссай фау,
Фæлæ хатгай батыхсын æз — ракурын æфстау,
Æмæ мæм фæкæсы уæд, — уый мæ зæрдыл дарын, —
Цыма алкæмæй дæр æз а зæххыл хæс дарын.
1976 азы 30 январь
МÆХИ РАЗ
Мæ зæрдыл æппынæдзæух иу хъуыддаг дарын:
Мæхицæй фылдæр хæстæ никæмæй дарын.
Куы бафвдин искуы мæхи раз мæ хæстæ,
Уæд ницыуал дарин мæ дзыллæ, мæ бæстæй.
1976 азы 3 февраль
ТАС
Дæ бынаты хуызæн куы тарстаис хæсты
Дæ райгуырæн бæстæ, дæ фыдæлты кадæн,
Уæд абонау рохуаты зайыны бæсты
Хъæбатырты æхсæн уыдаид дæ бадæн.
1976 азы 21 декабрь
НЫХАС ÆМÆ ХЪУЫДДАГ
Дæ хъуыдыты хал та æнæхъуаджы рарæгъ,
Æвдисы дзы алчи дæ зæрдæйы хатт.
Куыд фæдзурыс, афтæ нæ фæкæныс арæх,
Куыд фæкæныс, афтæ нæ фæдзурыс хатт.
1976 азы 26 декабрь
ЗÆРОНД ДЗЫПКЪАХÆДЖЫ САГЪÆС
Кæддæр нæ уыд зæххыл мæхицæй хъалдæр, —
Ныр бахæцыд мæ къабæзтыл зыр-зыр.
Мæхи дзыпмæ нывналынхъом дæр нал дæн,
Уæд ма куыд къахон искæй дзыпп та ныр?!
1977 азы 26 апрель
ТЫХМИ
Дзаг фынгыл кæркуасæнтæм фæбадæм,
Дыккаг бон нæ сæр вæййы фæхтхост.
Нозтæй нын кæй батых кæнынц адæм,
Уый тыххæй нын батых кæны нозт.
1977 азы 5 май
ФÆДИС
Тох! Æрбадт нæ цыт, нæ кадыл сæг, —
Мастæн æй куыннæ исæм нæхицæн! —
Чи нæ у йæхи хæдзары лæг,
Уый куыд ысси Иры бæстæн хицау?!
1977 азы май
ОХХАЙ!
Дæ фæрсты дæр никуыма ауад æфсарм,
Ныууагъта дæ рохы.
Дæ зæвæты цармæй дæ цæсгомы царм
Фæбæзджындæр, оххай!..
1977 азы 13 июнь
ИРОН ПОЭЗИЙÆН ДÆУÆЙ ФЫЛДÆР ХÆРЗТЫ БАЦЫДТÆН, ЗÆГЪГÆ, ЧИ ЗАГЪТА, УЫЦЫ ПОЭТÆН
Æппæлы йæхицæй, æз та йын
Мæ хъуыды æргом зæгъæг дæн:
«Дæ хорзæхæй, бауадз-ма тайын
Дæ хорздзинад искуы лæгæн».
1977 азы 12 июль
ЗÆГЪУТ-МА
Редакторы цардæй ыссæдзæймаг аз
Кæй цæры, уый хъусын.
Редакторы куыстæй, — зæгъут-ма мын раст, —
Кæд райдайдзæн кусын?
1977 азы 10 август
ФЫСТ ИНГÆНЫ КЪÆЙЫЛ
Уæхи мыл ма хæрут кæуынæй:
Хъысмæт мын бакодта хæрам.
Зæххыл нæ бафсæстæн цæуынæй,
Хуыссынæй бафсæддзынæн ам.
1977 аз
КАДМÆ БÆЛГÆЙÆ
Йæхи хуызæтгæм кæсы бæрзондæй,
Цыма нæртонау фæхатти балцы.
Хæдбындур фыссæг уæвыны зонд æй
Хæдбындур фыссæг уæвын нæ уадзы.
1978–1979 азтæ
РÆДЫД
Йæ «поэт»-ном æвæрд къæлæтты
Рæдыдæй газеты æрцыд,
Уæвгæ та йæ, зынаргъ хæлæрттæ,
Дыкъæдзыпы æвæрын хъуыд.
1979 азы 31 май
ЦЫРТЫТÆЙ СÆУДÆДЖЕРГÆНÆГÆН
Мæ сыхаджы хистæр фырты та
Æрцахстой. Кæд бæззыд лæгæн?
Кæмæндæрты кодта цыртытæ,
Йæхицæн та къахта ингæн.
1979 азы 29 сентябрь
МАДЫ РАЗÆЙ АМÆЛÆГ ФЫРТÆН
Азымы ничиуал фæдары марды,
Фæлæ куыннæ кæнæм аххосджын дæу:
Баныгæдтаис уал раздæр дæ мады,
Стæй та дæу баныгæдтаиккой хъæу.
1980 азы 28 апрель
АЙУАН
Йæ сæрыл ыслæудзæн дæ разы
Йæ мвдбылты худгæ айуан:
Йæ уаргъ хæссын чи нал фæразы,
Уый ничиуал хонйд хайуан.
1980 азы 16 июль
Дата добавления: 2015-09-11; просмотров: 74 | Поможем написать вашу работу | Нарушение авторских прав |